Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Рувимы хӕдзарвӕндаг

1 Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувим уыди, фӕлӕ йӕ фыды хуыссӕн куы фӕчъизи кодта, уӕд йӕ хистӕры кад лӕвӕрд ӕрцыд Израилы фырт Йосефы фырттӕн; ӕцӕг, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды Йосеф хистӕрыл нымад нӕу.

2 Иудӕ йе ’фсымӕртӕй тыхджындӕр уыд, ӕмӕ фӕтӕг уымӕй равзӕрди, кӕд хистӕры кад Йосефӕн лӕвӕрд уыд, уӕддӕр.

3 Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми.

4 Иоелы байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Шемайа, уый фырт Гог, уый фырт Шими,

5 уый фырт Миха, уый фырт Реайа, уый фырт Баал,

6 уый фырт Беера, Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесер уацары кӕй атардта, уый. Уыди Рувимы байзӕддӕгты фӕтӕг.

7 Йе ӕрвадӕлтӕ, мыггаггай, сӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъды куыд фыст сты, афтӕ: хистӕр — Йеиел, уый дӕле — Захариа

8 ӕмӕ Бела. Белайы фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Азаз, Шема ӕмӕ Иоел. Рувимы байзӕддӕгтӕ цардысты Ароеры сахары ӕмӕ уымӕй цӕгатӕрдӕм дӕр, суанг Нево ӕмӕ Баал-Меоны онг;

9 скӕсӕнӕрдыгӕй та — Евфраты доны ацы фарс ӕдзӕрӕг быдыры онг, уымӕн ӕмӕ Галаады зӕххыл сбирӕ сты сӕ фосы дзугтӕ.

10 Саулы заман Рувимы фӕдонтӕ хӕцыдысты агарӕгтимӕ. Ныццагътой сӕ ӕмӕ сын сӕ цатырты ӕрцардысты Галаады ӕппӕт скӕсӕнварс.


Гады хӕдзарвӕндаг

11 Гады байзӕддӕгтӕ цардысты Башаны зӕххыл, суанг Салхайы онг. Рувимы хӕдзарвӕндагимӕ уыдысты ӕмарӕн.

12 Башаны цӕрджытӕн бӕстыхицау уыд Иоел, дыккаг лӕг — Шафам, дарддӕр — Йанай ӕмӕ Шафат.

13 Се ӕрвадӕлтӕ мыггаггай: Михаел, Мешуллам, Шева, Йорай, Йакан, Зиа, Евер — авд.

14 Уыдон Авихаилы фырттӕ сты; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Хури, Йароах, Гилад, Михаел, Йешишай, Йахдо, Буз.

15 Гунийы байзӕддаг Авдиелы фырт Ахи уыди сӕ мыггаджы хистӕр.

16 Цардысты Галаады зӕххыл, Башаны хъӕуты, стӕй Шароны ӕппӕт уӕтӕрты, суанг сӕ арӕнты онг.

17 Адон сӕ фыдӕй-фыртмӕйы номхыгъды фыст ӕрцыдысты иудейаг паддзах Йотам ӕмӕ израилаг паддзах Йоровамы заманы.

18 Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисмӕ уыди цыппор цыппар мин авдсӕдӕ хӕстифтонг хъӕбатыры; зыдтой кард ӕмӕ уартӕй хӕцын, стӕй фатӕй ӕхсын.

19 Уыдон хӕцыдысты агараг мыггӕгтӕ Йетур, Нафиш ӕмӕ Нодавимӕ.

20 Тӕккӕ тохы сахат Хуыцаумӕ кӕй скуывтой, сӕ зӕрдӕ Йыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ сын Уый сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын баххуыс кодта, ӕмӕ агарӕгтӕ, семӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонимӕ сӕ амӕттаг баисты.

21 Ратардтой сын сӕ фос: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мины теуатӕ, дыууӕсӕдӕ фӕндзай мины лыстӕг фос, дыууӕ мины та хӕрджытӕ. Сӕ адӕмӕй сын сӕдӕ мины райстой уацары.

22 Цагъды дӕр сӕ бирӕ фӕци, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уыд ацы хӕст. Адон та сын сӕ цӕрӕнты фӕцардысты, цалынмӕ сын сӕхи дӕр уацары нӕ атардтой, уӕдмӕ.


Менассиа

23 Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбис цардысты Башанӕй Баал-Хермоны онг, стӕй Сенир ӕмӕ Ермоны хӕхты онг зӕххытыл. Дзӕвгар уыди сӕ нымӕц.

24 Мӕнӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕ: Ефер, Иши, Елиел, Азриел, Йеремиа, Ходави ӕмӕ Йахдиел, уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ, номдзыд лӕгтӕ.

25 Фӕлӕ Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕ сӕ фыдӕлты Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ куы сивтой ӕмӕ, Хуыцау сын сӕ цуры цы бӕстӕйы адӕмты ныццагъта, уыдоны хуыцӕуттӕм кувын куы байдыдтой,

26 уӕд сын Израилы Хуыцау сӕ ныхмӕ самидин кодта Ассирийы паддзах Пулы — йӕ иннӕ ном Тиглат-Пилесер, — ӕмӕ уый Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе ’мбис уацары райста, акодта сӕ Халахмӕ, Хавормӕ, Харамӕ ӕмӕ Гозаны донмӕ, ӕмӕ ма абоны онг дӕр цӕрынц уым.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan