1 Азфыстытӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавиды фырттӕ 1 Давидӕн Хевроны райгуырди фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Амнон, йӕ мад изреелаг Ахиноам, уый кӕстӕр — Даниил, йӕ мад кармелаг Авигеа, 2 ӕртыккаг — Авессалом, йӕ мад — Гешуры паддзах Талмайы чызг Мааха, цыппӕрӕм — Адониа, йӕ мад Хагит, 3 фӕндзӕм — Шефати, йӕ мад Авитал, ӕхсӕзӕм — Итреам, йӕ мад Егла. 4 Ацы ӕхсӕз фырты Давидӕн райгуырдысты Хевроны. Уым Давид паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы. Уый фӕстӕ Давид ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы паддзахиуӕг кодта Йерусалимы. 5 Уым ын райгуырдысты: Шима, Шовав, Натан ӕмӕ Соломон, сӕ цыппар дӕр Аммиелы чызг Вирсавийӕ. 6 Йерусалимы ма йын райгуырди фараст фырты: Ивхар, Елишама, Елифелет, 7 Ногах, Нефег, Йафиа, 8 Елишама, Елйада, Елифелет. 9 Адон се ’ппӕт дӕр сты Давиды фырттӕ (фырттӕ ма йын ныййардтой йӕ номылустытӕ дӕр). Сӕ хо — Тамар. Иудейы паддзӕхтӕ 10 Соломоны фырт — Роховам, уый фырт Авийа, уый фырт Аса, уый фырт Иосафат, 11 уый фырт Иорам, уый фырт Ахазиа, уый фырт Иоас, 12 уый фырт Амациа, уый фырт Азариа, уый фырт Йотам, 13 уый фырт Ахаз, уый фырт Езекиа, уый фырт Менассиа, 14 уый фырт Амон, уый фырт Иосиа. 15 Иосиайы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Иоханан, уый кӕстӕр — Иоаким, ӕртыккаг — Цедекиа, цыппӕрӕм — Шаллум. 16 Иоакимы фырттӕ: Йехониа ӕмӕ Цедекиа. Паддзах Йехониайы байзӕддӕгтӕ 17 Йехониайы фырттӕ: Асир, уый фырт — Шеалтиел; 18 Малкирам, Педаиа, Шенаццар, Йеками, Хошама, Недавиа. 19 Педаиайы фырттӕ: Зоровавел ӕмӕ Шими. Зоровавелы фырттӕ: Мешуллам ӕмӕ Хананиа, сӕ хо — Шеломит. 20 Мешулламӕн уыди фондз фырты: Хашува, Охел, Варахиа, Хасади ӕмӕ Иушав-Хесед. 21 Хананиайы фырттӕ: Пелатиа, Исайа, Рефайа, Арнан, Овади, Шехани. 22 Шеханийӕн уыди ӕхсӕз фырты: Шемайа, Хаттуш, Игал, Бариах, Неари ӕмӕ Шафат. 23 Неарийӕн уыди ӕртӕ фырты: Елйоенай, Езекиа ӕмӕ Азрикам. 24 Елйоенайӕн уыди авд фырты: Ходави, Елиашив, Пелаиа, Аккув, Иоханан, Делаи ӕмӕ Анани. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia