1 Азфыстытӕ 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХъӕздыг мысайнӕгтӕ Кувӕндон саразынӕн 1 Паддзах Давид загъта Израилы адӕмӕн: «Мӕ фырт Соломон (Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый равзӕрста) нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, ацы хъуыддаг та тынг стыр у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймаджы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауы уыдзӕн. 2 Ӕз ме ’ппӕт тыхтӕ бахардз кодтон ууыл, цӕмӕй мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кӕнон ӕрмӕг: сыгъзӕрин дзауматӕн — сыгъзӕрин, ӕвзист дзауматӕн — ӕвзист, ӕрхуы дзауматӕн — ӕрхуы, ӕфсӕйнаг дзауматӕн — ӕфсӕйнаг, хъӕдын дзауматӕн — хъӕдӕрмӕг; оникс, фӕлгӕты бавӕргӕ дуртӕ, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ алы зынаргъ дуртӕ, стӕй бирӕ мрамор. 3 Ис ма мӕм мӕхи сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр, ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзар кӕй уарзын, уый тыххӕй сӕ дӕттын, ацы сыгъдӕг хӕдзарӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, ӕппӕт уыдӕтты уӕле: 4 офираг сыгъзӕрины ӕртӕ мин таланты ӕмӕ сыгъдӕг ӕвзисты авд мин таланты. Уыдонӕн сӕ иу хай уыдзӕн агъуыстыты къултӕ фӕлындынӕн, 5 иннӕ хай та — сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕн, стӕй ӕрмдӕсныты алы мийӕн. Кӕй ма уӕ фӕнды абон йӕ рӕдау мысайнаг Дунедарӕгӕн рауӕлдай кӕнын?» 6 Ӕмӕ райдыдтой мысайнӕгтӕ дӕттын Израилы мыггӕгты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ, стӕй паддзахы исбонмӕ цӕстдарджытӕ дӕр. 7 Хуыцауы хӕдзар саразынӕн радтой сыгъзӕрины фондз мин таланты ӕмӕ дӕс мин сыгъзӕрин драхмӕйы, ӕвзисты дӕс мин таланты, ӕрхуыйы ӕстдӕс мин таланты ӕмӕ ӕфсӕйнаджы сӕдӕ мин таланты. 8 Зынаргъ дуртӕ кӕмӕ уыд, уыдон дӕр сӕ радтой Дунедарӕджы хӕдзары хӕзнадонмӕ, Гершоны байзӕддаг Йехиелы къухтӕм. 9 Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр. Давид кувы Дунедарӕгмӕ 10 Давид ӕппӕт адӕмы раз раарфӕ кодта Дунедарӕгӕн. Скуывта: «Арфӕгонд у мыггагӕй-мыггагмӕ, Дунедарӕг, нӕ фыдӕл Израилы Хуыцау! 11 Дӕу сты, Дунедарӕг, стырад ӕмӕ хъомыс, кад, уӕлахиз ӕмӕ цыт. Арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дӕу сты. О Дунедарӕг, паддзахад Дӕу у, Ды дӕ йӕ Хицау ӕмӕ Дӕуӕй уӕлдӕр ницы ис. 12 Дӕуӕй цӕуынц бӕркад ӕмӕ цыт, Ды кӕныс ӕлдариуӕг алцӕмӕн. Дӕ къухы сты хъару ӕмӕ хъомыс, Дӕу бон у алкӕй дӕр сбӕрзонд кӕнын ӕмӕ йын хъомыс раттын. 13 Ныр Дын, нӕ Хуыцау, арфӕ кӕнӕм ӕмӕ Дын ӕппӕлӕм Дӕ уаз номӕй. 14 Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ. 15 Не ’ппӕт фыдӕлтау мах дӕр Дӕ разы ӕрцӕуӕггӕгтӕ стӕм, рӕстӕгмӕцӕрджытӕ. Нӕ царды бонтӕ ацы зӕххыл аууонӕй уӕлдай не сты, ницы ныфс нӕм ис. 16 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ уаз номӕн Дын хӕдзар саразынӕн цы бирӕ ӕрцӕттӕ кодтам, уый ӕппӕт дӕр Дӕ лӕвар у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕу у. 17 Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр. 18 О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилы Хуыцау! Мыггагмӕ бахъахъхъӕн Дӕ адӕмӕн йӕ ацы зӕрдӕйы уаг, цӕмӕй Дыл ма сивой сӕ зӕрдӕ. 19 Мӕ фырт Соломоны иузӕрдион скӕн Дӕхицӕн, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Дын куыд ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕрмӕг цы галуанӕн бацӕттӕ кодтон, уый куыд сараза». 20 Давид басидт ӕппӕт адӕммӕ дӕр: «Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕм раарфӕ кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ныддӕлгом сты Дунедарӕджы раз ӕмӕ паддзахы раз. Соломоны расидтысты паддзахӕй 21 Уый фӕстӕ бон Дунедарӕджы номыл аргӕвстой кусӕрттӕгтӕ ӕмӕ Йын ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ: мин галы, мин фысы ӕмӕ мин уӕрыччы, уыдонимӕ — сӕн. Аргӕвстой ма бирӕ ӕндӕр кусӕрттӕгтӕ дӕр ӕппӕт Израилы номӕй. 22 Уыцы бон тынг зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Дунедарӕджы раз. Дыккаг хатт паддзахӕй расидтысты Давиды фырт Соломоны; байсӕрстой йӕ, цӕмӕй ӕлдариуӕг кӕна Дунедарӕджы номыл, Цадокы та байсӕрстой сауджынӕй. 23 Соломон йӕ фыд Давиды бӕсты паддзахӕй ӕрбадти Дунедарӕджы бадӕныл. Уыд ӕнтыстджын, ӕмӕ йӕм хъуыстой ӕппӕт Израилы адӕм дӕр. 24 Паддзах Соломонӕн, иузӕрдион ыл кӕй сты, уый тыххӕй ард бахордтой ӕппӕт хицӕуттӕ, гуыппырсартӕ ӕмӕ Давиды иннӕ фырттӕ дӕр. 25 Дунедарӕг Соломоны тынг скадджын кодта ӕппӕт Израилы цӕсты, радта йын, йӕ размӕ Израилы иунӕг паддзахмӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм цытджын паддзахад. Давиды паддзахдзинады тыххӕй 26 Йессейы фырт Давид уыд ӕппӕт Израилы паддзах. 27 Дыууиссӕдз азы уый уыди Израилы паддзах: авд азы паддзахиуӕг фӕкодта Хевроны, ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы та — Йерусалимы. 28 Амарди хӕрз зӕрондӕй, цардӕй дӕр, мулкӕй дӕр ӕмӕ кадӕй дӕр бафсӕсти, афтӕмӕй. Йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Соломон. 29 Паддзах Давиды хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты зонынджын Самуелы азфыстыты, пехуымпар Натаны азфыстыты ӕмӕ зонынджын Гады азфыстыты. 30 Уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ дзурынц йӕ паддзахдзинадыл ӕмӕ йӕ бархъомысыл, стӕй, паддзах Давидыл, Израилыл ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдӕттыл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia