1 Азфыстытӕ 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЗарӕггӕнджыты къордтӕ 1 Давид ӕмӕ дингӕнджыты хистӕртӕ Дунедарӕджы хӕдзары кусынӕн баурӕдтой Асафы, Хеманы ӕмӕ Йедутуны фыртты, цӕмӕй пехуымпариуӕг кӕной, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цӕгъдгӕйӕ. Мӕнӕ уыцы лӕггадгӕнджыты номхыгъд. 2 Асафы цыппар фырты: Заккур, Йосеф, Нетаниа ӕмӕ Асарелӕ. Разамынд сын лӕвӕрдта Асаф, паддзахы разамындӕй пехуымпариуӕггӕнӕг. 3 Йедутуны фырттӕ: Гедалиа, Цери, Исайа, Шими, Хашавиа ӕмӕ Маттитиа, ӕхсӕз. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Йедутун, йӕ пехуымпариуӕгӕй ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдӕй Дунедарӕгӕн кад ӕмӕ арфӕгӕнӕг. 4 Хеманы фырттӕ: Буккиа, Маттаниа, Уззиел, Шевуел, Иеримот, Хананиа, Ханани, Елиата, Гидалти, Ромамти-Езер, Иошбекаша, Маллоти, Хотир ӕмӕ Махазиот. 5 Адон се ’ппӕт дӕр паддзахы зонынджын Хеманы фырттӕ сты — Хуыцау ын зӕрдӕ бавӕрдта хъомыс раттынӕй ӕмӕ йын балӕвар кодта цыппӕрдӕс фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы. 6 Ацы зарӕггӕнджытӕ иууылдӕр, сӕ фыдӕлты разамындӕй, зарыдысты Дунедарӕджы хӕдзары, цагътой ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй. Афтӕмӕй, паддзахы разамындӕй лӕггад кодтой Хуыцауы хӕдзары. Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеманӕн, 7 Дунедарӕджы кадӕн зарыны курдиатӕй чи фӕхайджын, ӕппӕт уыцы ӕрвад-ӕфсымӕртимӕ иумӕ сӕ нымӕц уыди дыууӕсӕдӕ ӕстай аст. 8 Сӕ куысты тыххӕй сӕппӕрстой хӕлттӕ: кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, ахуыргӕнӕгӕй, ахуыргӕнинагӕй — иууылдӕр уыдысты ӕмбар. 9 Фыццаг схаудта Асафы фырт Йосефы хал, йемӕ йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фырттӕ — дыууадӕс лӕджы. Дыккаг хатт схаудта Гедалиайы хал, йемӕ йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фырттӕ — дыууадӕс лӕджы. 10 Ӕртыккаг хатт схаудта Заккуры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 11 Цыппӕрӕм хатт схаудта Ицрийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 12 Фӕндзӕм хатт схаудта Нетаниайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 13 Ӕхсӕзӕм хатт схаудта Буккиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 14 Ӕвдӕм хатт схаудта Йесарелы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 15 Ӕстӕм хатт схаудта Йесаиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 16 Фарӕстӕм хатт схаудта Маттаниайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 17 Дӕсӕм хатт схаудта Шимийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 18 Иуӕндӕсӕм хатт схаудта Азарелы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 19 Дыууадӕсӕм хатт схаудта Хашавиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 20 Ӕртындӕсӕм хатт схаудта Шуваелы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 21 Цыппӕрдӕсӕм хатт схаудта Маттитиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 22 Фынддӕсӕм хатт схаудта Йеремоты хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 23 Ӕхсӕрдӕсӕм хатт схаудта Хананиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 24 Ӕвддӕсӕм хатт схаудта Иошбекашайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 25 Ӕстдӕсӕм хатт схаудта Хананийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 26 Нудӕсӕм хатт схаудта Маллотийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 27 Ссӕдзӕм хатт схаудта Елиатайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 28 Иу ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Хотиры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 29 Дыууӕ ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Гидалтийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 30 Ӕртӕ ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Махазиоты хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 31 Цыппар ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Ромамти-Езеры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia