Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сауджынты къордтӕ

1 Мӕнӕ Аароны байзӕддӕгты — сауджынты — къордтӕ. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.

2 Надав ӕмӕ Авигу сӕ фыдӕй раздӕр амардысты, фырттӕ дӕр сын нӕ рацыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ ныр сауджыны куыст кодтой Елеазар ӕмӕ Итамар.

3 Давид Елеазары байзӕддаг Цадок ӕмӕ Итамары байзӕддаг Ахимелехы ӕххуысӕй сауджынты адих кодта хицӕн къордтыл.

4 Елеазары байзӕддӕгты ’хсӕн мыггаджы хистӕртӕ Итамары фӕдонтӕй фылдӕр кӕй разынди, уымӕ гӕсгӕ Елеазары байзӕддӕгтӕй баурӕдтой ӕхсӕрдӕс мыггаджы хистӕры, Итамары байзӕддӕгтӕй та — аст.

5 Иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр равзӕрстой хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Кувӕндоны барджынтӕ ӕмӕ Хуыцауы барджынтӕ уыдысты Елеазары байзӕддӕгтӕй дӕр ӕмӕ Итамары байзӕддӕгтӕй дӕр.

6 Номхыгъдмӕ сӕ бахаста нымӕрдар Шемайа, Нетанелы фырт, левит. Ныффыста сӕ паддзахы, ӕлдӕртты, сауджын Цадокы ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Елеазары мыггӕгтӕй дыууӕйы ныхмӕ Итамары мыггӕгтӕй ӕвзӕрстой иуы.

7 Фыццаг схаудта Йехоривы къорды хал, дыккаг — Иедайайы,

8 ӕртыккаг — Харимы, цыппӕрӕм — Сеоримы,

9 фӕндзӕм — Малкиайы, ӕхсӕзӕм — Миамины,

10 ӕвдӕм — Хакоцы, ӕстӕм — Авийайы,

11 фарӕстӕм — Йешуайы, дӕсӕм — Шеханийы,

12 иуӕндӕсӕм — Елиашивы, дыууадӕсӕм — Йакимы,

13 ӕртындӕсӕм — Хуппайы, цыппӕрдӕсӕм — Йешевавы,

14 фынддӕсӕм — Билгайы, ӕхсӕрдӕсӕм — Иммеры,

15 ӕвддӕсӕм — Хезиры, ӕстдӕсӕм — Хаппиццецы,

16 нудӕсӕм — Петахийы, ссӕдзӕм — Езекиелы,

17 иу ӕмӕ ссӕдзӕм — Йахины, дыууӕ ӕмӕ ссӕдзӕм — Гамулы,

18 ӕртӕ ӕмӕ ссӕдзӕм — Делаийы, цыппар ӕмӕ ссӕдзӕм — Маазиайы.

19 Гъе адон — сауджынты къордтӕ, Дунедарӕджы хӕдзармӕ цӕуынӕн ӕмӕ уым лӕггад кӕнынӕн, сӕ фыдӕл Ааронӕн Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ.


Левитты иннӕ мыггӕгтӕ

20 Левитты иннӕ мыггӕгты хистӕртӕ. Амрамы байзӕддӕгтӕй: Шуваел, Шуваелы фырттӕй — Йехдеа.

21 Рехавийы байзӕддӕгты хистӕр — Ишшиа.

22 Ицхары мыггагӕй: Шеломот, Шеломоты фырттӕй — Йахат.

23 Хевроны цыппар фырты куыд хистӕрӕй: Йерийа, Амариа, Йахазиел, Йекамам.

24 Уззиелы фырт — Миха, Михайы фырттӕй — Шамир.

25 Михайы ӕфсымӕр — Ишшиа, Ишшиайы фырттӕй — Захариа.

26 Мерарийы байзӕддӕгтӕ: Махли ӕмӕ Муши. Адон уыдысты Мерарийы фырт Иазиайы фырттӕ.

27 Мерарийы фырт Иазиайӕн ма сӕнтыстысты: Шохам, Заккур ӕмӕ Иври.

28 Махлийы фырттӕ: Елеазар (амӕн фырттӕ нӕ уыд)

29 ӕмӕ Киш. Кишы фырт — Йерахмеел.

30 Мушийы фырттӕ: Махли, Едер ӕмӕ Иеримот. Адон сты левиттӕ, мыггаггай.

31 Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan