1 Азфыстытӕ 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЛевитты къордтӕ ӕмӕ сӕ куыст 1 Давид базӕронд, бафсӕсти цардӕй ӕмӕ Израилы сӕргъы паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ фырт Соломоны. 2 Давид фӕсидт Израилы ӕппӕт ӕлдӕрттӕм, сауджынтӕм ӕмӕ левиттӕм. 3 Левиттӕ нымад ӕрцыдысты ӕртыназдзыдтӕй уӕлӕмӕ; ӕдӕппӕтӕй сӕ нӕлгоймӕгты нымӕц уыд ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз мины. 4 Уыдонӕй Дунедарӕджы хӕдзары куысты урӕд ӕрцыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мины, бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй — ӕхсӕз мины, 5 дуаргӕстӕй — цыппар мины, Дунедарӕджы кадӕн цӕгъдӕнтӕй ифтонг зарӕггӕнджытӕй дӕр — цыппар мины. Давид сӕ Дунедарӕджы стауыны охыл саразын кодта. 6 Давид левитты адих кодта ӕртӕ къордыл — Левийы фырттӕ Гершон, Кехат ӕмӕ Мераримӕ гӕсгӕ. 7 Гершоны фырттӕ: Ладан ӕмӕ Шими. 8 Ладаны фырттӕ: хистӕр — Йехиел, уый дӕле — Зетам ӕмӕ Иоел, ӕртӕ. 9 Шимийы фырттӕ: Шеломот, Хазиел ӕмӕ Аран, ӕртӕ. Адон уыдысты Ладанӕй рацӕугӕ мыггӕгты хистӕртӕ. 10 Шимийӕн ма ноджы уыди цыппар фырты: Йахат, Зиза, Йеуш ӕмӕ Бриа. 11 Хистӕр уыди Йахат, уый кӕстӕр — Зиза. Йеушӕн ӕмӕ Бриайӕн бирӕ цот нӕ рацыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ систы иу мыггаг ӕмӕ иу къорд. 12 Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, цыппар. 13 Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн. 14 Хуыцауы минӕвар Моисейы байзӕддӕгтӕ та нымад ӕрцыдысты левиттыл. 15 Моисейы фырттӕ: Гершом ӕмӕ Елиезер. 16 Гершомы хистӕр фырт — Шевуел. 17 Елиезеры фырт, йӕ фыццаг — Рехави. Уымӕй ӕндӕр ын фырттӕ нӕ уыди, фӕлӕ Рехавийӕн тынг бирӕ фырттӕ сӕнтыст. 18 Ицхары фырт, йӕ фыццаг — Шеломит. 19 Хевроны фырттӕ: хистӕр — Йерийа, уый кӕстӕр — Амариа, ӕртыккаг — Йахазиел, цыппӕрӕм та — Йекамам. 20 Уззиелы фырттӕ: хистӕр — Миха, уый кӕстӕр — Ишшиа. 21 Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Махлийы фырттӕ: Елеазар ӕмӕ Киш. 22 Елеазар амарди, фырттӕ йын нӕ сӕнтыст, афтӕмӕй, уыди йын чызджытӕ. Сӕ фыды ’фсымӕр Кишы фырттӕ сӕ ракуырдтой. 23 Мушийы фырттӕ: Махли, Едер ӕмӕ Йеремот, ӕртӕ. 24 Адон сты Левийы байзӕддӕгтӕ мыггаггай, мыггӕгты хистӕртӕ. Уыцы мыггӕгты адӕм нымад ӕрцыдысты сӕрӕй-сӕрмӕ — ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ — ӕмӕ куыстой Дунедарӕджы хӕдзары. 25 Уымӕн ӕмӕ Давид загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, Йӕ адӕмӕн радта ӕнцой ӕмӕ Йерусалимы ӕрцарди мыггагмӕ. 26 Афтӕмӕй левитты нал хъӕудзӕн Дунедарӕджы цӕрӕн ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ хӕссын». 27 Давиды фӕстаг ныстуантӕм гӕсгӕ Левийы байзӕддӕгтӕ нымад ӕрцыдысты ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ. 28 Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се ’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын. 29 Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр. 30 Хъуамӕ-иу алы райсом ӕмӕ алы изӕр дӕр ӕрлӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, арфӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ. 31 Хъуамӕ-иу, Дунедарӕгӕн алы иууылсудзинаг хӕссынафон, сабаттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, ӕдзух лӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, бӕрӕг нымӕцӕй, куыд сын фӕдзӕхст уыди, афтӕ. 32 Афтӕмӕй сӕ бӕрны уыди Фембӕлды Цатыры куыст ӕмӕ Кувӕндоны куыст; хъуамӕ се ’рвадӕлтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс кодтаиккой Дунедарӕджы хӕдзары. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia