Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давид загъта: «Ам уыдзӕни Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзар, мӕнӕ — Израилы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн!»


Давид Кувӕндонӕн цӕттӕ кӕны аразӕн ӕрмӕг

2 Давид бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной Израилы зӕххыл цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, ӕмӕ сын бахӕс кодта Хуыцауы хӕдзар саразынӕн дуртӕ слӕгъз кӕнын.

3 Ноджы ма Давид ӕрцӕттӕ кодта бирӕ ӕфсӕйнаг дӕр: зӕгӕлтӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ цӕгтӕ аразынӕн, стӕй, йӕ уӕзӕн сбарӕн нӕй, уый бӕрц ӕрхуы.

4 Ноджы ма — ӕнӕнымӕц бирӕ кедр хъӕдӕрмӕг. Давидӕн ӕй ӕрбаластой сидойнӕгтӕ ӕмӕ тирӕгтӕ.

5 Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, Дунедарӕгӕн цы хӕдзар аразын хъӕуы, уый та стыр диссаг хъуамӕ уа, ӕппӕт дунейыл йӕ ном ӕмӕ йӕ ӕрдхӕрӕны рӕсугъды кой кӕмӕн айхъуысдзӕн, ахӕм. Цӕй ӕмӕ йын ӕрцӕттӕ кӕнон аразӕн ӕрмӕг». Ӕмӕ Давид бирӕ ӕрцӕттӕ кодта йӕ амӕлӕты размӕ.


Давиды ныстуан Соломонӕн

6 Давид басидт йӕ фырт Соломонмӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста хӕдзар саразын Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.

7 Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын.

8 Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: „Ды бирӕ туг ныккалдтай, стыр хӕстыты хӕцыдтӕ. Мӕ номыл хӕдзар аразӕг Ды нӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ федтон, зӕххыл цас туг ныккалдтай, уый.

9 Фӕлӕ дын райгуырдзӕни фырт. Уыдзӕн ын сабыр уаг, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕ алфамбылай знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр сӕнӕмӕт кӕндзынӕн. Йӕ ном уыдзӕни Соломон, ӕмӕ Израилӕн Соломоны заман ратдзынӕн фарн ӕмӕ ӕнцой.

10 Соломон сараздзӕн Мӕ номыл хӕдзар. Уый уыдзӕни Мӕ фырт, Ӕз та уыдзынӕн Йӕ Фыд, ӕмӕ йын Израилы сӕргъы йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ“.

11 Гъемӕ Дунедарӕджы уазӕг у, мӕ хъӕбул, бантысӕд дын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, хӕдзар саразын, Уый дӕ куыд ӕнхъӕл у, афтӕ.

12 Дунедарӕг дын раттӕд куырыхон зонд ӕмӕ алцы ӕвзарыны курдиат, цӕмӕй, Израилы сӕргъы дӕ куы ӕрлӕууын кӕна, уӕд ӕххӕст кӕнай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Ӕгъдау.

13 Дунедарӕг Моисеймӕ Израилӕн цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын. У фидар ӕмӕ ӕхсарджын ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс, дӕ ныфс макуы асӕттӕд.

14 Ӕз тыхтӕй-амӕлттӕй Дунедарӕджы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сыгъзӕрины сӕдӕ мин таланты ӕмӕ ӕвзисты милуан таланты, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы уӕзӕн та сбарӕн дӕр нӕй, афтӕ бирӕ сты; ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр. Ды дӕр ма сӕм бафтаудзынӕ.

15 Кусджытӕ дӕм бирӕ ис: дурлӕгъзгӕнджытӕ, дурыл ӕмӕ хъӕдыл нывӕфтауджытӕ, ӕмӕ, банымайӕн дӕр сын нӕй, уый бӕрц арӕхстджын ӕрмдӕснытӕ:

16 сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ чи кусы, уыдон. Райдай аразын, ӕмӕ дын Дунедарӕг баххуыс кӕнӕд».

17 Давид Израилы хицӕуттӕн се ’ппӕтӕн дӕр ныффӕдзӕхста йӕ фырт Соломонӕн баххуыс кӕнын:

18 «Уемӕ куы ис Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ алфамбылай знӕгтӕй уӕ куы сӕнӕмӕт кодта. А бӕстӕйы цӕрджыты дӕр радта мӕ къухтӕм, ӕмӕ а бӕстӕ баци Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ адӕмы дӕлбар.

19 Гъемӕ уӕдӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ уды ӕппӕт хъаруйӕ агурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, саразут Ын Кувӕндон. Йӕ номыл цы хӕдзар сырӕза, уырдӕм-иу бахӕссут Фидыды Чырын ӕмӕ Хуыцауы уаз мигӕнӕнтӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan