Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Адӕмы сфыст ӕмӕ Дунедарӕджы азар

1 Сайтан Израилы ныхмӕ сыстад ӕмӕ Давиды сардыдта Израилы банымайыныл.

2 Давид бафӕдзӕхста Йоав ӕмӕ иннӕ балхонтӕн: «Цӕугӕут ӕмӕ Беер-Шевӕйӕ суанг Даны онг банымайут израилӕгты, цӕмӕй мӕ адӕмы нымӕц зонон».

3 Йоав ын загъта: «Дунедарӕгӕн Йӕ адӕм цас сты, сӕдӕ ахӕмы ма сыл бафтауӕд. Уыдон се ’ппӕт дӕр, мӕ бардарӕг, мӕ паддзах, дӕ цагъартӕ не сты, мыййаг? Мӕ паддзах ма цӕй тыххӕй домы ацы хъуыддаг? Азымы цӕмӕн ӕппары Израилы?»

4 Паддзах цӕхгӕр ныллӕууыд йӕ фӕндыл, ӕмӕ Йоавӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд ӕмӕ ӕрзылд ӕппӕт Израилыл дӕр, стӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ

5 Йоав ӕмӕ адӕмы сфысты хыгъд Давидмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди милуан ӕмӕ сӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — цыппарсӕдӕ ӕвдай мины.

6 Ӕцӕг, Йоав уыдоны хыгъдмӕ нӕ бахаста левитты ӕмӕ Бениамины мыггаг, уымӕн ӕмӕ паддзахы фӕдзӕхст йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди.

7 Уыцы сфыст ӕхцон нӕ уыди Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ азары хай бакодта Израилы.

8 Давид Хуыцауӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».

9 Дунедарӕг раргом ис Гадмӕ, Давиды зонынджынмӕ:

10 «Цу ӕмӕ зӕгъ Давидӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: мӕнӕ дын ӕртӕ хуызы ӕфхӕрды ӕмӕ дӕ уыдонӕй кӕцыйы амӕттаг бакӕнон, уый равзар дӕхӕдӕг“».

11 Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Равзар, цы хуызы дӕ бафхӕрон, уый:

12 ӕртӕ стонг азы дӕ бӕстӕйы? Ӕви дӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы де знӕгтӕ сӕ уӕлныхты исой ӕмӕ сӕ разӕй лидзай? Ӕви ӕртӕ боны дӕргъы Дунедарӕджы азарӕй емынӕ сыста дӕ бӕстӕйы, ӕмӕ Йӕ азары зӕд куынӕггӕнгӕ ацӕуа ӕгас Израилы зӕххыл?“ Ахъуыды кӕн, Чи мӕ ӕрбарвыста, уымӕн цы дзуапп раттон, ууыл».

13 Давид Гадӕн зӕгъы: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау, уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауон, — Уый бирӕбараг у».

14 Дунедарӕг израилӕгтыл емынӕ бафтыдта, ӕмӕ дзы ӕвдай мин адӕймаджы бабын ис.

15 Хуыцау мӕлӕтхӕссӕг зӕд арвыста Йерусалим бабын кӕнынмӕ, фӕлӕ уый адӕмы цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Дунедарӕг ӕркаст ӕмӕ фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнаны мусы сӕрмӕ.

16 Давид йӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ систа, ӕмӕ арвӕй зӕххы астӕу кардӕлвӕстӕй федта Дунедарӕджы зӕды, йӕ кард арӕзт уыди Йерусалимы ’рдӕм. Давид ӕмӕ йӕ адӕмы хистӕртӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй, зӕххыл ныддӕлгом сты.

17 Давид Хуыцауӕн загъта: «Адӕмы ӕз нӕ банымайын кодтон? Тӕригъӕдджын ӕз куы фӕдӕн, фыд ӕз куы ракодтон, уӕд ацы фыстӕ цы азымджын сты? О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Дӕ адӕмы сафыны бӕсты фӕлтау Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».


Давид аразы нывондхӕссӕн

18 Уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕд Гадӕн загъта: «Давид ссӕуӕд йевусаг Орнаны мусмӕ ӕмӕ дзы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн саразӕд».

19 Давид, Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын Гад куыд загъта, афтӕ бакодта — ссыди мусмӕ.

20 Уый хӕдразмӕ Орнан йӕ цыппар фыртимӕ мӕнӕу най кодта. Фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ ауыдта мӕлӕтхӕссӕг зӕды. Орнаны фырттӕ фыр тӕссӕй сӕхи амбӕхстой.

21 Давид схӕццӕ Орнанмӕ. Орнан ӕй куы ауыдта, уӕд мусӕй йӕ размӕ рацыд ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом ис.

22 Давид Орнанӕн загъта: «Ратт-ма мын дӕ мусы бынат, ӕмӕ дзы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн саразон. Йе ’ххӕст аргъыл мын ӕй ратт, ӕмӕ фыд азары амӕттаг мауал кӕной адӕм».

23 Орнан загъта Давидӕн: «Айс ӕй дӕхицӕн: мӕ бардарӕг паддзах, куыд ӕй фӕнды, афтӕ бакӕнӕд. Мӕнӕ дын иууылсудзинагӕн дӕттын галтӕ, сугӕн — найгӕнӕн дзоныгътӕ, хойраджы хуынӕн та — мӕнӕу. Лӕвар дын сӕ дӕттын иууылдӕр».

24 Фӕлӕ паддзах Давид Орнанӕн загъта: «Нӕ, се ’ххӕст аргъӕй сӕ хъуамӕ балхӕнон ӕнӕмӕнг. Дунедарӕгӕн раттыны охыл дын лӕвар нӕ райсдзынӕн дӕ исбон; иууылсудзинаг нывонд, лӕвар цы райсон, уымӕй не ’рхӕсдзынӕн».

25 Афтӕмӕй Давид уыцы бынаты тыххӕй Орнанӕн радта сыгъзӕрины ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.

26 Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый йӕ куывд айста — иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕнмӕ уӕларвӕй зынг ӕрӕрвыста.

27 Стӕй Дунедарӕг мӕлӕтхӕссӕг зӕдӕн загъта, ӕмӕ уый йӕ кард кӕрддзӕмы нытътъыста.


Фидӕны Кувӕндоны бынат сбӕрӕг Йерусалимы

28 Давид федта, Дунедарӕг ӕй фехъуыста, уый ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нывӕндтӕ хаста йевусаг Орнаны мусыл.

29 Моисей Дунедарӕгӕн ӕдзӕрӕг быдыры кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн та уӕд нырма Гивоны кувӕн къуыбырыл уыдысты,

30 фӕлӕ Давид Хуыцауы бафӕрсынмӕ уырдӕм нал суӕндыд, афтӕ тынг фӕтарсти Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕджы кардӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan