1 Азфыстытӕ 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАммонӕгты сӕйраг сахар ист ӕрцыд 1 Иннӕ уалдзӕг, паддзӕхты хӕстон балцыты афон, Йоав ӕфсадимӕ ацыд аммонӕгты бӕстӕм ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кодта, стӕй сын ӕртыхсти сӕ сӕйраг сахар Раввайыл. Давид уыцы рӕстӕг уыди Йерусалимы. Йоав балӕбурдта Раввайы сахармӕ ӕмӕ йӕ ныппырх кодта. 2 Давид сын сӕ паддзахы сӕрӕй, ӕрмӕст йӕ сыгъзӕрин дӕр иу таланты уӕзӕн кӕмӕн уыд, йӕ уыцы налхъуыт-налмасӕй фӕлыст кады худ фелвӕста ӕмӕ йӕ йӕхи сӕрыл ӕркодта. Сахарӕй тынг бирӕ ӕфтиаг рахаста. 3 Адӕмӕй дзы чи уыди, уыдоны та ракодта ӕмӕ сӕ дурфадӕн хырхытӕ, ӕфсӕйнаг дурсӕттӕнтӕ ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл бафтыдта. Афтӕ бакодта ӕппӕт аммонаг сахартӕн. Уый фӕстӕ Давид йе ’фсадимӕ раздӕхт Йерусалиммӕ. Давиды хӕстонты уӕлахизтӕ 4 Фӕстӕдӕр ма Гезеры дӕр филистимӕгтимӕ ногӕй схӕцыдысты. Хушайаг Сибехай амардта Сиппайы, рефаимты байзӕддӕгтӕй иуы, ӕмӕ филистимӕгтӕ саст ӕрцыдысты. 5 Филистимӕгтимӕ ма ноджыдӕр иу хӕст уыди, ӕмӕ уым Елханан, Иаиры фырт, амардта гатаг Лахмийы, Голиафы ӕфсымӕры, йӕ арцы хъӕд тынуафӕн хъилы йас кӕмӕн уыди, уыцы Голиафы ӕфсымӕры. 6 Иу ахӕм хӕст ма уыди Гаты дӕр. Уым иу уӕйыгӕнгӕс лӕг, уый дӕр рефаимты байзӕддӕгтӕй, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтыл — ӕхсӕзгай ӕнгуылдзтӕ, ӕдӕппӕтӕй — цыппар ӕмӕ ссӕдз ӕнгуылдзы, 7 фидистӕ кодта израилӕгтӕн, ӕмӕ йӕ Йонатан, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, амардта. 8 Ацы уӕйыгӕнгӕс лӕгтӕ уыдысты рефаимты байзӕддӕгтӕ, гатӕгтӕ, ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ хӕстонты къухӕй мӕрдтӕм бацыдысты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia