1 Азфыстытӕ 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавиды хӕст аммонӕгтӕ ӕмӕ арамейӕгтимӕ 1 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ амард аммонаг паддзах Нахаш, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахиуӕг кӕнын райдыдта йӕ фырт. 2 Давид загъта: «Нахаш мын хорзы кӕй бацыд, уый тыххӕй йын йӕ фырт Хануны зӕрдӕ хъуамӕ истӕмӕй барухс кӕнон». Ӕмӕ арвыста йӕ дӕлдӕрты, Ханунӕн йӕ фыды тыххӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Давиды дӕлдӕртӕ фӕцыдысты аммонӕгты зӕхмӕ. 3 Аммонаг ӕлдӕрттӕ загътой Ханунӕн: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй бӕстӕйыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной». 4 Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, ныддаста сӕ, сӕ дарӕс сын, се ’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта. 5 Фӕндагыл ма уыдысты, афтӕ сын Давид сӕ хабар фехъуыста ӕмӕ сӕ размӕ лӕгтӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ӕгад ӕмӕ худинаджы уавӕры уыдысты. Паддзахы бардзырд уыди: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ разайой, уӕдмӕ Йерихоны баззайут, стӕй ӕрбаздӕхдзыстут». 6 Давидӕн ӕнӕуынон систы, уый куы бамбӕрстой, уӕд Ханун ӕмӕ аммонӕгтӕ Арам-Нахараиммӕ, стӕй Арам-Мааха ӕмӕ Цовамӕ ӕвзисты мин таланты арвыстой, цӕмӕй тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕрджытӕ баххуырстой. 7 Дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз мин тохуӕрдоны, стӕй Маахайы паддзахы ӕд ӕфсад баххуырстой. Уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ Медевайы цур рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Сӕ сахартӕй хӕстмӕ рацыдысты аммонӕгтӕ дӕр. 8 Давид уый куы фехъуыста, уӕд сӕм Йоавы арвыста йӕ тохвӕлтӕрд ӕфсадимӕ. 9 Аммонӕгтӕ рацыдысты ӕмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыдысты сӕ сӕйраг сахары кулдуары цур, ӕххуысмӕ сӕм цы паддзӕхтӕ фӕзынд, уыдон та тыгъд быдыры хицӕнӕй лӕууыдысты. 10 Йоав куы федта, знӕгтӕ израилӕгтӕн сӕ разӕй дӕр ӕмӕ сӕ чъылдыммӕ дӕр кӕй лӕууынц, уый, уӕд йӕ хуыздӕр хӕстонты арамейӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта. 11 Иннӕты бакодта йе ’фсымӕр Авишайы бар, ӕмӕ сӕ уый аммонӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта. 12 Йоав ын загъта: «Гъа, ныр мыл арамейӕгтӕ уӕлахиз кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕм ӕххуысмӕ фӕзын, аммонӕгтӕ дӕуыл куы райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз фӕзындзынӕн. 13 Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын, ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд». 14 Йоав йе ’фсадимӕ сӕхи андзӕрстой арамейӕгтыл, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты. 15 Аммонӕгтӕ куы федтой, арамейӕгтӕ лидзынц, уый, уӕд уыдон дӕр лидзӕг фесты Авишайӕ, Йоавы ӕфсымӕрӕй, ӕмӕ сӕхи сахармӕ байстой. Йоав Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхти. 16 Арамейӕгтӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уый, уӕд ӕххуысмӕ арвыстой Евфраты фале цӕрӕг арамейӕгтӕм, сӕ сӕргъы — Адад-Езеры ӕфсады хицау Шовах. 17 Давид уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд ӕппӕт израилӕгты ӕрбамбырд кодта, Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызт, арамейӕгтӕм бахӕццӕ, сӕ ныхмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыд, ӕмӕ сын тох бацайдагъ ис. 18 Израилӕгтӕ лидзӕг фӕкодтой арамейӕгты. Давид сын сӕ бӕхтӕрджытӕй авд мины амардта, сӕ фистӕг хӕстонтӕй та — дыууиссӕдз мины. Амардта сын се ’фсады хицау Шовахы дӕр. 19 Адад-Езеры дӕлбартӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сӕ басастой, уый, уӕд Давидимӕ бафидыдтой ӕмӕ систы йӕ дӕлбар. Арамейӕгтӕ нал тырныдтой аммонӕгтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia