Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давид басаста сыхаг адӕмты

1 Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Давид басаста филистимӕгты ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодта. Сӕ къухӕй сын байста Гат ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутӕ.

2 Басаста моавӕгты дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр систы Давиды дӕлбар, фыстой йын хъалон.

3 Давид басаста Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы (йӕ паддзахад ӕххӕссыд Хаматы арӕнты онг), уый Евфраты доны был цы зӕххытӕ ис, уыдонмӕ йӕ бархъомыс ӕрӕвӕрынмӕ куы бабырста, уӕд.

4 Давид ӕрбатӕлӕт кодта мин тохуӕрдоны, уӕрдонджын ӕфсадӕй авд мин хӕстоны райста уацары, фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Бӕхтӕй ма ныууагъта, сӕдӕ уӕрдоны цы сифтындзой, уый бӕрц, иннӕ бӕхтӕн та се счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта.

5 Цовайы паддзах Адад-Езермӕ ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты дамаскаг арамейӕгтӕ, ӕмӕ Давид уыдонӕй дӕр дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины ныццагъта.

6 Уӕд йе ’фсад ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.

7 Адад-Езеры дӕлдӕртӕн Давид сӕ сыгъзӕрин уартытӕ байста ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ схаста.

8 Адад-Езеры сахартӕ Тивхат ӕмӕ Куны тынг бирӕ ӕрхуы ӕрбатӕлӕт кодта Давид, ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр Соломон Кувӕндонӕн ӕрхуы денджыз, цӕджындзтӕ ӕмӕ алыхуызон ӕрхуы мигӕнӕнтӕ сарӕзта.

9 Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый

10 ӕмӕ йӕ фырт Хадорамы паддзах Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын салам ратта ӕмӕ йын, Адад-Езерыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй арфӕ ракӕна. Уымӕн ӕмӕ Тои ӕмӕ Адад-Езеры ’хсӕн ӕдзухдӕр хӕстытӕ цыди. Хадорам Давидӕн йемӕ сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ ахаста.

11 Паддзах Давид сӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ ӕмӕ амалекӕгтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.

12 Церуайы фырт Авишай Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ныццагъта ӕстдӕс мины.

13 Давид Едомы йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Едомы адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.


Давиды барджынтӕ

14 Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста.

15 Церуайы фырт Йоав уыд ӕфсады хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг,

16 Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Авимелех — сауджынтӕ, Шавша — нымӕрдар,

17 Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн. Давиды фырттӕ уыдысты паддзахады фыццаг лӕгтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan