Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд Давидӕн

1 Давид ӕрцарди йӕ галуаны, ӕмӕ иуахӕмы пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Дунедарӕджы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».

2 Натан Давидӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕ дӕм куыд дзуры, афтӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау демӕ ис».

3 Фӕлӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Хуыцау раргом ис Натанмӕ:

4 «Цу ӕмӕ Мӕ цагъар Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Мӕнӕн Мӕ цӕрӕн хӕдзар аразӕг ды нӕ уыдзынӕ.

5 Израилӕгты Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй нырмӕ Мын хӕдзар куы нӕ уыди — цатыры цыдтӕн Ӕз балцы.

6 Израилӕгтимӕ кӕмфӕнды куы хаттӕн, уӕд дӕр, Мӕ адӕмы, Израилы, кӕй бӕрны бакодтон, сӕ уыцы тӕрхоны лӕгтӕй кӕд кӕмӕн загътон, кедрӕй хӕдзар Мын цӕуылнӕ саразут, зӕгъгӕ?“

7 Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы фӕтӕг.

8 Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз уыдтӕн демӕ ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, ацы зӕххыл кадджындӕр цы нӕмттӕ ис, уыдонӕй иу уыдзӕни.

9 Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, скӕндзынӕн бынат, уым сын сӕ уидӕгтӕ ауадздзынӕн ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты, ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау,

10 Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дын де ’ппӕт знӕгты дӕр басӕтдзынӕн. Хъусын дын кӕнын: Дунедарӕг дын сараздзӕни хӕдзар.

11 Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлтимӕ куы баиу уай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ фырттӕй иуы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.

12 Уый Мын сараздзӕни Хӕдзар, Ӕз та йын мыггагмӕ йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн.

13 Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Мӕ хорзӕх дзы фӕстӕмӕ нӕ райсдзынӕн, дӕ размӕ чи уыд, уымӕй йӕ куыд райстон, афтӕ.

14 Ӕз ӕй ӕнустӕм сӕвӕрдзынӕн Мӕ хӕдзар ӕмӕ Мӕ паддзахады сӕргъы, ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕн фидар уыдзӕн мыггагмӕ“».

15 Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый тыххӕй Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.


Давиды арфӕйы куывд Хуыцаумӕ

16 Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыд, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Дунедарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай?

17 Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай. Цыма стыр лӕг дӕн, афтӕ аудыс Ды мӕныл, о Дунедарӕг Хуыцау!

18 Ды Дӕ цагъары афтӕ сбӕрзонд кодтай, ӕмӕ ма Дын цы зӕгъа Давид? Ды Дӕ цагъары зӕрдӕ афтӕмӕй дӕр зоныс.

19 О Дунедарӕг! Дӕ цагъары тыххӕй ӕмӕ Дӕхи фӕндонӕй скодтай ӕмӕ раргом кодтай ацы стыр кад.

20 О Дунедарӕг! Нӕ хъустӕй цыдӕриддӕр фехъуыстам, уый фӕрцы зонӕм: Ды дӕ, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау.

21 Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.

22 Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау.

23 О Дунедарӕг, Дӕ цагъар ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ныффидар уӕд ӕнустӕм! Куыд загътай, афтӕ бакӕн!

24 Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сӕ Хуыцау у Израилӕн“! Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг.

25 Ды, мӕ Хуыцау, Дӕ цагъарӕн хӕдзар саразынӕй зӕрдӕ бавӕрдтай, ӕмӕ Дӕм кувын дӕр уымӕн уӕндын.

26 О Дунедарӕг, Ды — Хуыцау, Ды фехъусын кодтай Дӕ цагъарӕн фарны уац!

27 Уӕдӕ арфӕ ракӕн Дӕ цагъары хӕдзарӕн, цӕмӕй ӕнустӕм уа Дӕ разы. Уымӕн ӕмӕ Дӕ арфӕйӕ, о Дунедарӕг, уый арфӕгонд уыдзӕни ӕнустӕм».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan