1 Азфыстытӕ 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым сӕвӕрдтой. Стӕй Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой. 2 Иууылсудзинаг нывӕндтӕ куы ӕрхаста, уӕд Дунедарӕджы номӕй Давид адӕмӕн арфӕ ракодта 3 ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн, алы сылгоймаг ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр, фӕйнӕ дзулы ӕмӕ финиктӕ ӕмӕ чисмисты фӕйнӕ гуылы байуӕрста. 4 Давид Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз левиттӕй баурӕдта лӕггадгӕнджытӕ, цӕмӕй кувой Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, кӕной Йын арфӕ ӕмӕ кад. 5 Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй, 6 сауджынтӕ Бенайа ӕмӕ Йахазиел та Хуыцауы Фидыды Чырыны раз алкӕддӕр цагътой хӕтӕлтӕй. Давиды арфӕйы зарӕг 7 Уыцы бон Давид фыццаг хатт бафӕдзӕхста Асаф ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕн Дунедарӕджы кадӕн ацы арфӕйы зарӕг азарын: 8 Сыстаут Дунедарӕджы, арут Ын Йӕ ном, адӕмты ’хсӕн Ын хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ. 9 Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ. 10 Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт! 11 Агурут Дунедарӕджы, агурут Ын Йӕ хъомыс, кӕддӕриддӕр тырнут Йӕ размӕ. 12 Ма рох кӕнут Йӕ диссӕгтӕ, Йе ’вдисӕйнӕгтӕ, Йӕ тӕрхӕттӕ. 13 Сымах — Израилы байзӕддӕгтӕ, Йӕ цагъартӕ, Йаковы фӕдонтӕ, Йе ’взӕрстытӕ! 14 Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг. 15 Мыггагмӕ дӕр ма рох кӕнут Йӕ фидыд, мин фӕлтӕрӕн кӕй бафӕдзӕхста, 16 Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта. 17 Йӕ сомы уагӕвӕрдау радта Йаковӕн, ӕнусон фидыдау — Израилӕн. 18 Уый загъта: «Ханааны зӕхх уын фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн». 19 Сӕ нымӕц чысыл куы уыд нырма, ӕрцӕуӕггӕтӕ куы уыдысты уыцы ран, 20 уӕд хӕтӕнхуагӕй иу бӕстӕйӕ иннӕмӕ, иу паддзахадӕй иннӕмӕ цыдысты. 21 Фӕлӕ сӕ Уый никӕмӕн уагъта ӕфхӕрын, паддзӕхтӕн-иу бардзырд радта: 22 «Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут». 23 Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, ӕгас зӕххы цъар, Дунедарӕгӕн зар! Зарут Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн, бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинадыл дзурут! 24 Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл, ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл. 25 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр у, ӕппӕлыны аккаг у Уый, ӕппӕт хуыцӕуттӕй — тӕссагдӕр. 26 Адӕмтӕн сӕ хуыцӕуттӕ — гуымирытӕ, Дунедарӕг та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ. 27 Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад. 28 Адӕмтӕ, Дунедарӕджы стаут, сыстаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс! 29 Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут, бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ. Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы! 30 Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд! Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар, нӕ фенкъуысдзӕн. 31 Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх, уадз ӕмӕ адӕмты ’хсӕн айхъуыса: «Дунедарӕг паддзах у!» 32 Ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон; райгонд уӕнт фӕзтӕ ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон. 33 Хъӕды бӕлӕстӕ иууылдӕр ныццин кӕнӕнт Дунедарӕджы раз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрцӕудзӕн — тӕрхон кӕнынмӕ зӕххӕн. 34 Арфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ Уый хорзӕхджын у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у. 35 Кувут Ӕм: «Фервӕзын нӕ кӕн, Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг! Иумӕ нӕ, Хуыцау, рамбырд кӕн, бахиз нӕ алы адӕмтӕй — кад Дын кӕнӕм Дӕ уаз номӕн, стауӕм Дӕ, цинӕй райгӕйӕ!» 36 Дунедарӕг уӕд арфӕгонд, йе Стыр Хуыцау Израилӕн! Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Ӕппӕт адӕм дӕр загътой: «Аммен! Алелуйа!» Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Йерусалимы ӕмӕ Гивоны 37 Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз Давид ӕрвылбоны лӕггадгӕнджытӕ скодта Асафы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты, 38 стӕй Овед-Едомы ӕмӕ йе ’рвад-ӕфсымӕрты, аст ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Йедутуны фырт Овед-Едомы ӕмӕ Хосайы та скодта дуаргӕстӕ. 39 Сауджын Цадокӕн ӕмӕ уымӕн йӕ сауджын ӕрвадӕлтӕн Давид бахӕс кодта Гивоны кувӕн къуыбырыл, Дунедарӕджы Цӕрӕны цур, 40 алы райсом ӕмӕ алы изӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссын, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыцы Ӕгъдауы ӕппӕт домӕнтӕм гӕсгӕ. 41 Уыдонимӕ ма уыдысты Хеман ӕмӕ Йедутун, стӕй иннӕ ӕвзӕрст лӕгтӕ. Сӕ хӕс уыди Дунедарӕджы стауын, афтӕ дзургӕйӕ: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» 42 Хуыцауы кадӕн Хеман ӕмӕ Йедутун зарыдысты; хӕтӕлтӕй, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕндӕр цӕгъдӕнтӕй цагътой. Йедутуны фырттӕ та уыдысты дуаргӕстӕ. 43 Уый фӕстӕ адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм фӕцыдысты. Давид дӕр ӕрбаздӕхт ӕмӕ йӕ хӕдзаронтыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia