1 Азфыстытӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФидыды Чырын хаст ӕрцыди Йерусалиммӕ 1 Давид йӕ сахары йӕхицӕн саразын кодта хӕдзӕрттӕ, Хуыцауы Фидыды Чырынӕн равзӕрста бынат ӕмӕ йын ныссагъта цатыр. 2 Стӕй Давид загъта: «Ӕрмӕстдӕр левиттӕн ис Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдоны равзӕрста Фидыды Чырын хӕссынӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн мыггагмӕ лӕггад кӕнынӕн». 3 Давид ӕппӕт Израилы адӕммӕ дӕр фӕсидт Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахӕссой, цы бынат ын равзӕрста, уырдӕм. 4 Фӕдзырдта Аароны байзӕддӕгтӕм ӕмӕ левиттӕм: 5 Кехаты мыггаджы раздзог Уриел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — ӕхсӕзыссӕдз лӕгмӕ; 6 Мерарийы мыггаджы раздзог Асайа ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дыууӕсӕдӕ дыууын лӕгмӕ; 7 Гершоны мыггаджы раздзог Иоел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз лӕгмӕ; 8 Елицафаны мыггаджы раздзог Шемайа ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дыууӕсӕдӕ лӕгмӕ; 9 Хевроны мыггаджы раздзог Елиел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — цыппарыссӕдз лӕгмӕ; 10 Уззиелы мыггаджы раздзог Аминадав ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дыууадӕс ӕмӕ фондзыссӕдз лӕгмӕ. 11 Давид фӕдзырдта сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафармӕ, левиттӕй — Уриел, Асайа, Иоел, Шемайа, Елиел ӕмӕ Аминадавмӕ 12 ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм. 13 Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау». 14 Уӕд сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ссыгъдӕг кодтой сӕхи, цӕмӕй ӕрбахӕссой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын. 15 Ӕмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ кӕддӕр Моисей куыд фӕдзӕхста, афтӕ левиттӕ Хуыцауы Фидыды Чырын хъилтыл ӕвӕрдӕй се уӕхсчытыл рахастой. 16 Давид левитты хистӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зарӕггӕнджытӕ сӕвӕрой се ’рвадӕлтӕй, уа сӕм алы цӕгъдӕнтӕ: дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ дардыл азӕлой цины зарджытӕ. 17 Левиттӕ сӕвӕрдтой Иоелы фырт Хеманы ӕмӕ уый ӕрвад Асафы, Варахийы фырты; адонӕн се ’рвадӕлтӕй та, Мерарийы байзӕддӕгтӕй — Кушаиайы фырт Етаны. 18 Уыдонимӕ — сӕ иннӕ ӕрвадӕлты, левитты куысты дӕлдӕр къӕпхӕныл чи лӕууыд, уыдон: Захариа, Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Унни, Елиав, Бенайа, Маасеа, Маттитиа, Елифле, Микнеа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиелы. 19 Зарӕггӕнджытӕ Хеман, Асаф ӕмӕ Етан цагътой ӕрхуы ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй; 20 Захариа, Азиел, Шемирамот, Йехиел, Унни, Елиав, Маасеа ӕмӕ Бенайа — дыууадӕстӕнонтӕй, цъӕхснаг хъӕлӕсӕй; 21 Маттитиа, Елифле, Микнеа, Овед-Едом, Йеиел ӕмӕ Азазиа та цагътой хъисфӕндыртӕй, бӕзджын хъӕлӕсӕй. 22 Зарӕг амыдта левитты зарӕггӕнджыты разамонӕг Кенаниа, уымӕн ӕмӕ уыцы курдиатӕй хайджын уыд. 23 Варахи ӕмӕ Елкана Фидыды Чырынӕн хъахъхъӕнджытӕ уыдысты. 24 Сауджынтӕ Шеваниа, Иосафат, Нетанел, Амасай, Захариа, Бенайа ӕмӕ Елиезер, Хуыцауы Фидыды Чырыны разӕй цӕугӕйӕ, цагътой хӕтӕлтӕй. Овед-Едом ӕмӕ Йехиа дӕр хъахъхъӕнджытӕ уыдысты Фидыды Чырынӕн. 25 Давид, Израилы хистӕртӕ ӕмӕ миныхицӕуттӕ ацыдысты ӕмӕ Овед-Едомы хӕдзарӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахастой. 26 Хуыцау баххуыс кодта, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы левиттӕн, ӕмӕ Йын авд галы ӕмӕ авд фыры нывондӕн ӕрхастой. 27 Давидӕн йӕ уӕлӕ уыди пӕлӕз, лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымацӕй; ахӕм пӕлӕзтӕ уыди Фидыды Чырын хӕссӕг левиттӕн се ’ппӕтыл дӕр, стӕй ма зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ сӕ разамонӕг Кенаниайыл. Давидыл ма ноджы уыди гӕн хъуымацӕй ефод дӕр. 28 Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил. 29 Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахары къӕсӕрӕй куы бахызти, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia