Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давиды фарсхӕцджытӕ Саулы заман

1 Ацы ӕхсарджынтӕ Давидмӕ ӕрцыдысты Циклагмӕ, уый ма Кишы фырт Саулӕй йӕхи куы ’мбӕхста, уӕд. Хӕсты заман-иу ӕрбалӕууыдысты йӕ фарсмӕ —

2 сӕ рахиз ӕмӕ сӕ галиу къухтӕй дурадзагъд самадтой, фӕттӕ ӕхстой ӕрдынтӕй. Уыдон уыдысты Саулы ӕрвадӕлтӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй:

3 сӕ хистӕр — Ахиезер, стӕй Йоаш, гевӕйаг Шемайы фырттӕ; Йезиел ӕмӕ Пелет, Азмаветы фырттӕ; Бераха, анатотаг Йегу;

4 гивонаг Ишмайа, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджынӕй иу, сӕ хистӕр; Йеремиа, Йахазиел, Йоханан, гедерайаг Йозавад,

5 Елузай, Йеримот, Беалиа, Шемариа, харуфаг Шефати;

6 Елкана, Ишшиа, Азарел, Иоезер ӕмӕ Йашовам — Корахы мыггагӕй;

7 гедораг Йерохамы фырттӕ Иоела ӕмӕ Зевадиа.

8 Гады хӕдзарвӕндагӕй Давидимӕ ӕдзӕрӕг быдыры фидары баиу сты ӕхсарджын, тохвӕлтӕрд хӕстонтӕ, арц ӕмӕ уартӕй ифтонг, домбӕйттау — сӕ бакаст, сычъитау хӕхтыл уадысты цӕрдӕг.

9 Сӕ хистӕр — Езер, дыккаг — Овади, ӕртыккаг — Елиав,

10 цыппӕрӕм — Мишманна, фӕндзӕм — Йеремиа,

11 ӕхсӕзӕм — Аттай, ӕвдӕм — Елиел,

12 ӕстӕм — Йоханан, фарӕстӕм — Елзавад,

13 дӕсӕм — Йеремиа, иуӕндӕсӕм — Махбанай.

14 Адон — Гады байзӕддӕгтӕ — уыдысты ӕфсады хицӕуттӕ. Сӕ лӕмӕгъдӕр-иу сыстади сӕдӕйы ныхмӕ, сӕ тыхджындӕр та — мины ныхмӕ.

15 Уыдон сты, афӕдзы фыццаг мӕй, Иорданы раивылды афон, донӕн йӕ фаллаг фарсмӕ чи бахызти, уыдон. Уӕд донивылды тасӕй алыгъдысты, Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм дӕлвӕзты чидӕриддӕр царди, уыдон.

16 Бениамины ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕй Давиды фидармӕ ӕрцыдис иу къорд лӕджы.

17 Давид сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мӕм фарнимӕ ӕрбацыдыстут, баххуыс кӕнынмӕ, уӕд уын мӕнӕ мӕ Хуыцауы къух. Кӕд ӕмӕ мӕ, ӕназым дӕн, афтӕмӕй ме знӕгтӕн банымудзинаг стут, уӕд та нӕ фыдӕлты Хуыцау ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд!»

18 Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти, фӕстӕдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджыны хистӕр чи сси, уыцы Амасайыл, ӕмӕ уый загъта: «Мах дӕу стӕм, Давид! Мах демӕ стӕм, Йессейы фырт! Фарн дӕм бадзурӕд, фарн бадзурӕд де ’ххуысгӕнджытӕм, — ауды дыл дӕ Хуыцау». Давидӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ йе ’фсадӕн хицӕуттӕй баурӕдта.

19 Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй дӕр Давидимӕ баиу ис иу къорд, уый филистимӕгтимӕ Саулы ныхмӕ схӕцынмӕ куы цыди, уӕд. Ӕцӕг сын нӕ баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ ауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ раздӕхтой. Загътой: «Йӕ хицау Саулы фарс фӕуыдзӕн ӕмӕ нӕ ныхмӕ рацӕудзӕн».

20 Давид Циклагмӕ куы здӕхт, уӕд Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй йемӕ баиу сты Аднах, Йозавад, Йедиаел, Михаел, Йозавад, Елигу ӕмӕ Циллетай — Менассиайы хӕдзарвӕндаджы миныхицӕуттӕ.

21 Уыдон Давиды фарс хӕцыдысты абырджыты ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ. Фӕстӕдӕр систы ӕфсады хицӕуттӕ.

22 Гъе афтӕ ӕрвылбон дӕр цыдысты Давиды фарс рахӕцынмӕ, ӕмӕ йе ’фсад сбирӕ ис, растдӕр Хуыцауы ӕфсадау.


Давиды ӕфсад Хевроны

23 Мӕнӕ, Давидмӕ Хевроны сахармӕ цы хӕстифтонг къордтӕ ӕрцыд, уыдоны хыгъд. Ӕрцыдысты йӕм, цӕмӕй йӕ Саулы бӕсты сӕвӕрой паддзахӕй, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

24 Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй йӕм уарт ӕмӕ арцифтонгӕй ӕрцыд ӕхсӕз мин астсӕдӕ хӕстоны.

25 Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — авд мин сӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны.

26 Левийы хӕдзарвӕндагӕй — цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.

27 Аароны мыггаджы хистӕр Йехода йӕм ӕрцыд ӕртӕ мин авдсӕдӕ лӕгимӕ.

28 Ӕхсарджын хӕстон лӕппу Цадок ӕм ӕрцыд йӕ мыггагӕй дыууын дыууӕ хицауимӕ.

29 Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, Саулы ӕрвадӕлтӕй, ӕрцыд ӕртӕ мины. Уӕды онг адонӕн сӕ фылдӕр Саулы хӕдзары фарсхӕцджытӕ уыдысты.

30 Ефремы хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди ссӕдз мин астсӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны, сӕ мыггӕгты номдзыд лӕгтӕ.

31 Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыди ӕстдӕс мины. Уыдонӕн фӕдзӕхст уыди, цӕмӕй Давидмӕ ацӕуой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой.

32 Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.

33 Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди фӕндзай мин хӕстхъом лӕджы — алы хотыхтӕй ифтонг; уыдон уыдысты Давиды иузӕрдион фарсхӕцджытӕ.

34 Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди мин хицауы, семӕ ӕртын авд мин лӕджы уартытӕ ӕмӕ ӕрцытимӕ.

35 Даны хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыд дыууын аст мин ӕхсӕзсӕдӕ хӕстифтонг лӕджы.

36 Асиры хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди цыппор мин хӕстхъом лӕджы.

37 Иорданы фале цӕрджытӕй — Рувим ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕй, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыд сӕдӕ дыууын мин лӕджы, алы хотыхтӕй ифтонг.

38 Ацы ӕфсӕддонтӕ се ’ппӕт дӕр хӕстифтонгӕй ӕрцыдысты Хевронмӕ, Давиды ӕппӕт Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрыны фӕндимӕ. Уымӕ ӕмзӕрдӕйӕ бӕллыдысты иннӕ изрӕилӕгтӕ дӕр.

39 Уым Давидмӕ фесты ӕртӕ боны. Хӕрд ӕмӕ нозтхъуаг нӕ баййӕфтой, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.

40 Иннӕ рӕттӕй дӕр — хӕстӕг рӕттӕй райдай ӕмӕ Иссахары, Зевулоны ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕй фӕу — хӕрджытыл, теуатыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ галтыл ластой хойраг: ссад, легъуийы цъӕрттӕ, чисмисы цъӕрттӕ, сӕн ӕмӕ сой, тардтой бирӕ стурвос ӕмӕ лыстӕг фос, уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмыл цин ӕрцыд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan