1 Азфыстытӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавид сси Израилы паддзах 1 Израилы адӕм иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Давидмӕ Хевроны ӕмӕ йын загътой: «Дӕ туг, де стӕг стӕм мах. 2 Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“». 3 Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрцыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Самуелы дзыхы кӕй бавӕрдта, уыцы ныхас. Давид бацахста Йерусалим 4 Давид ӕппӕт израилӕгтимӕ ахӕцыди Йерусалиммӕ (ома Йевусмӕ). Уӕд уым йевусӕгтӕ цардысты. 5 Йевусы цӕрджытӕ Давидӕн загътой: «Нӕ дын бантысдзӕн ардӕм ӕрбацӕуын». Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у. 6 Давид загъта: «Йевусӕгтӕм раздӕр чи бабырса, уый уыдзӕн ӕфсады хицау». Фыццаджыдӕр сахармӕ балӕбурдта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сси ӕфсады хицау. 7 Давид ӕрцарди фидары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы фидар схуыдтой Давиды сахар. 8 Давид ын, Миллойӕ райдай ӕмӕ дарддӕр, йӕ алыварс сарӕзта бӕстыхӕйттӕ, Йоав та рацарӕзта сахары иннӕ хай. 9 Давиды хъомыс кодта фылдӕрӕй-фылдӕр — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ. Давиды ӕхсарджын хӕстонтӕ 10 Мӕнӕ, Давид Дунедарӕджы фӕндонӕй Израилы паддзах цӕмӕй суа, уый тыххӕй Израилы адӕмимӕ йӕ фарс чи рахӕцыд, йӕ уыцы ӕхсарджынты хистӕртӕ. 11 Мӕнӕ Давиды ӕхсарджынтӕ номхуындӕй: Йашовам, Хахмонийы фырт, ӕртын ӕхсарджыны хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй ӕртӕсӕдӕ знаджы ныццагъта. 12 Уый дӕле — Елеазар, Додойы фырт, Ахохийы байзӕддаг, 13 Давидимӕ Пас-Даммимы, филистимӕгтӕ уырдӕм хӕцынмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд цы ӕртӕ хӕстоны уыди, уыдонӕй иу. Уыцы ран уыди хъӕбӕрхоры зад хуым. Израилӕгтӕ лидзӕг куы фесты филистимӕгты разӕй, 14 уӕд Елеазар ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ хуымы астӕу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ хуым дӕр бахъахъхъӕдтой, филистимӕгты дӕр ныццагътой — Дунедарӕг Израилӕн стыр уӕлахиз радта. 15 Дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕтӕгӕй ӕртӕ Адулламы лӕгӕтмӕ Давидмӕ ныццыдысты къӕдзӕхрӕбынмӕ. Уӕд филистимӕгты рӕсӕнуат Рефаимты дӕлвӕзы уыд. 16 Давид фидары уыди, филистимӕгты иу къорд та — Вифлеемы раз. 17 Давид дойныйӕ марди ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, Вифлеемы кулдуары цур цы цъай ис, уырдыгӕй мын исчи дон куы ӕрбадавид!» 18 Ӕртӕ ӕхсарджыны филистимӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырстой, Вифлеемы кулдуары цур цъайӕ дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрхастой. Фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ нӕ бакуымдта бануазын, Дунедарӕджы кадӕн ӕй акалдта 19 ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Хуыцау! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны. 20 Йоавы ӕфсымӕр Авишай уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ӕхсӕн уыди стыр кад. 21 Се ’ппӕтӕй номдзыддӕр уыд ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыди, уый уыдонмӕ нӕ хаудис. 22 Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта. 23 Мӕрдтӕм барвыста фондз ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн уӕйыгӕнгӕс мысыраджы дӕр. Мысыраджы къухы уыди тынуафӕн хъилы йас арц, Бенайа та йӕ ныхмӕ лӕдзӕгимӕ рацыди, йӕ арц ын йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта. 24 Ахӕм сгуыхт лӕг уыд Йеходайы фырт Бенайа. Ӕфсады ӕхсӕн ын стыр кад уыди. 25 Хӕстонтӕн сӕ номдзыддӕртӕй уыди, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыд, уыдонмӕ нӕ хаудис. Давид ӕй йӕ хъахъхъӕнджыты сӕргъы сӕвӕрдта. 26 Бӕгъатыр хӕстонтыл нымад уыдысты: Йоавы ӕфсымӕр Асаел; Додойы фырт Елханан, вифлеемаг; 27 ародаг Шаммот; пелетаг Хелец; 28 Икешы фырт Ира, текоайаг; анатотаг Авиезер; 29 хушайаг Сибехай; Илай, Ахохийы мыггагӕй; 30 нетофаг Махрай; Баанайы фырт Хелед, нетофаг; 31 Ривайы фырт Итай, Бениамины Гевӕйӕ; пиратонаг Бенайа; 32 Хура, Нахале-Гаашӕй; арватаг Авиел; 33 бахарумаг Азмавет; шаалвонаг Елйахба; 34 гизониаг Хашемы фырттӕ, Гунийы мыггагӕй; Шагейы фырт Йонатан, харараг; 35 Сахары фырт Ахиам, харараг; Уры фырт Елифал; 36 мехератаг Хефер; пелонитаг Ахиа; 37 кармелаг Хецро; Езбайы фырт Наарай; 38 Натаны ӕфсымӕр Иоел; Хагрийы фырт Мивхар; 39 аммонаг Целек; бееротаг Нахрай, Церуайы фырт Йоавы хотыхдар; 40 итриаг Ира; итраг Гарев; 41 хеттаг Уриа; Ахлайы фырт Завад; 42 Шизайы фырт Адина, Рувимы хӕдзарвӕндагӕй, сӕ мыггаджы хистӕр, йӕ дӕлбар уыдысты дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы; 43 Маахайы фырт Ханан; метенаг Йошафат; 44 аштеротаг Узийа; ароераг Хотамы фырттӕ — Шама ӕмӕ Йеиел; 45 Шимрийы фырт Йедиаел ӕмӕ йе ’фсымӕр Йоха, тицӕгтӕ; 46 махавимаг Елиел; Елнаамы фырттӕ Йерива ӕмӕ Йошави; моаваг Итма; 47 мецовайӕгтӕ Елиел, Овед ӕмӕ Йасиел. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia