Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Саулы мӕлӕт

1 Филистимӕгтӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ, ӕмӕ Израилы хӕцӕг адӕм лидзӕг фесты. Бирӕтӕ дзы цӕфтӕй баззадысты Гилбоайы хохы фӕхстыл.

2 Филистимӕгтӕ фӕсте асырдтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты ӕмӕ амардтой Ионатан, Авинадав ӕмӕ Малкишуайы, Саулы фыртты.

3 Саулы ныхмӕ тох стынг ис. Фатӕхсджытӕ йӕм баввахс сты ӕмӕ йӕ уӕззау цӕфтӕ фӕкодтой.

4 Саул йӕ хотыхдарӕн загъта: «Дӕ кард слас ӕмӕ мӕ амар, науӕд ныртӕккӕ ацы ӕнӕсунӕттӕ ам ӕрбалӕудзысты ӕмӕ мын мӕ удӕй фӕхъаздзысты». Фӕлӕ хотыхдарӕн йӕ уд ауад ӕмӕ йӕ коммӕ нӕ бакаст. Уӕд Саул йӕ карды фистон зӕхмӕ фӕбыцӕу кодта ӕмӕ йын йӕ фындзыл ӕрхауд.

5 Йӕ хотыхдар ӕй мардӕй куы ауыдта, уӕд уый дӕр йӕ карды фындзыл ныппӕрста йӕхи ӕмӕ амард.

6 Гъе афтӕ фӕмард сты Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты; йӕ хӕдзар ӕгасӕй дӕр бабын.

7 Изреелы дӕлвӕзы цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой.

8 Дыккаг бон филистимӕгтӕ фӕзындысты мӕрдты стигъынмӕ ӕмӕ Гилбоайы хохыл мардӕй ссардтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты.

9 Саулӕн йӕ хотыхтӕ, йӕ гӕрзтӕ раппӕрстой, йӕ сӕр ын ракодтой ӕмӕ сӕ филистимӕгты зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ фӕластой, уӕлахизы уац сӕ гуымирытӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ.

10 Саулы хотыхтӕ сӕ хуыцӕутты кувӕндоны бавӕрдтой, йӕ сӕр та йын Дагоны кувӕндоны сисыл ӕрцауыгътой.

11 Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый,

12 ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй фӕдисы ацыдысты ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ Иавешмӕ ӕрбахастой. Се стджытӕ сын Иавешмӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой.

13 Афтӕ фӕмард ис Саул, Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй. Йӕ дзырдмӕ Йын нӕ байхъуыста, суанг ма бафарста мӕрдтӕмсидӕджы дӕр,

14 Дунедарӕджы бафӕрсыны бӕсты. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Уый амардта ӕмӕ паддзахдзинад радта Йессейы фырт Давидӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan