1 Азфыстытӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАдамӕй рацӕугӕ фӕлтӕртӕ Ной ӕмӕ йӕ фыртты онг 1 Адам, Шет, Енош, 2 Кеинан, Махалаел, Йаред, 3 Енох, Мефушал, Ламех, 4 Ной ӕмӕ йӕ фырттӕ: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Йафеты байзӕддӕгтӕ 5 Йафеты фырттӕ: Гомер, Магог, Мадай, Йаван, Тувал, Мешех, Тирас. 6 Гомеры фырттӕ: Ашкеназ, Рифат, Тогарма. 7 Йаваны байзӕддӕгтӕ: Елиша, Таршиш, киттимӕгтӕ, роданӕгтӕ. Хамы байзӕддӕгтӕ 8 Хамы фырттӕ: Куш, Мицраим, Пут, Ханаан. 9 Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама, Савтеха. Раамайы фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан. 10 Кушӕй ма райгуырди Нимрод — зӕххыл фыццаг ӕлдар уый сси. 11 Мицраимы байзӕддӕгтӕ: лудӕгтӕ, анамӕгтӕ, лехавӕгтӕ, нафтухӕгтӕ, 12 патрусӕгтӕ, каслухӕгтӕ ӕмӕ кафторӕгтӕ. Кафторӕгтӕй равзӕрдысты филистимӕгтӕ. 13 Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет, 14 ноджы ма йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ, 15 хиввӕгтӕ, аркӕгтӕ, синӕгтӕ, 16 арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ. Симы байзӕддӕгтӕ 17 Симы фырттӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Арамы фырттӕ: Уц, Хул, Гетер, Мешех. 18 Арфахсадӕй райгуырди Шелах, Шелахӕй — Евер. 19 Еверӕн рантысти дыууӕ фырты: сӕ иу хуынди Пелег, ахӕм ном ыл сӕвӕрдтой, йӕ рӕстӕджы зӕхх кӕй ныддихтӕ ис, уый тыххӕй. Йе ’фсымӕр хуынди Йоктан. 20 Йоктанӕй райгуырдысты Алмодад, Шелеф, Хацармавет, Йарах, 21 Хадорам, Узал, Дикла, 22 Эвал, Авимаел, Сава, 23 Офир, Хавила, Йовав. Адон сты Йоктаны фырттӕ. Симӕй Авраамы онг фӕлтӕртӕ 24 Сим, Арфахсад, Шелах, 25 Евер, Пелег, Рагав, 26 Серух, Нахор, Терах, 27 Аврам, кӕнӕ Авраам. 28 Авраамы фырттӕ: Исаак ӕмӕ Измаел. Измаелы байзӕддӕгтӕ 29 Измаелы хистӕр зӕнӕг — Невайот, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам, 30 Мишма, Дума, Масса, Хадад, Тема, 31 Йетур, Нафиш, Кедма. Адон сты Измаелы байзӕддӕгтӕ. Авраам ӕмӕ Кетурайы байзӕддӕгтӕ 32 Авраамӕн йӕ номылус Кетурайӕ рацыди фырттӕ: Зимран, Йокшан, Медан, Мидиан, Ишбак, Шуах. Йокшаны фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан. 33 Мидианы фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдага. Се ’ппӕт дӕр рацыдысты Кетурайӕ. Исаак ӕмӕ йӕ фырттӕ 34 Исаак уыдис Авраамы фырт. Исаакы фырттӕ: Исав ӕмӕ Израил. Исавы байзӕддӕгтӕ 35 Исавы фырттӕ: Елифаз, Реуел, Йеуш, Йалам, Корах. 36 Елифазы фырттӕ: Теман, Омар, Цефо, Гатам, Кеназ. Елифазӕн ма йӕ номылус Тимнайӕ дӕр райгуырди фырт — Амалек. 37 Реуелы фырттӕ: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Сеиры байзӕддӕгтӕ 38 Сеиры фырттӕ: Лотан, Шовал, Цивон, Ана, Дишон, Ецер, Дишан. 39 Лотаны фырттӕ: Хори ӕмӕ Хомам; Лотаны хо: Тимна. 40 Шовалы фырттӕ: Алеан, Манахат, Эвал, Шефи, Онам. Цивоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана. 41 Сеиры фырт Анайы байзӕддаг Дишон. Сеиры байзӕддаг Дишоны фырттӕ: Хамран, Ешбан, Итран, Керан. 42 Ецеры фырттӕ: Билхан, Зааван, Акан. Дишаны фырттӕ: Уц ӕмӕ Аран. Едомы паддзӕхтӕ 43 Мӕнӕ, Израилӕн паддзах куы нӕма уыд, уыцы заман Едомы бӕстӕйы паддзӕхтӕ. Беоры фырт Бела, йӕ сахары ном — Динхава. 44 Белайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Зерахы фырт Йовав, боцрайаг. 45 Йовавы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси теманӕгты бӕстаг Хушам. 46 Хушамы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Бедады фырт Хадад, Моавы быдыры мидианӕгты уый басаста. Йӕ сахары ном — Авит. 47 Хадады амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Самла, масрекайаг. 48 Самлайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Саул, Евфраты былгӕрон сахар Реховотӕй. 49 Саулы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Ахборы фырт Баал-Ханан. 50 Уый куы амардис, уӕд паддзах сси Хадад, йӕ сахары ном — Пагу. Йӕ ус уыди Матреды чызг Мехетавел. Матред йӕхӕдӕг та уыди Ме-Захавы чызг. 51 Хадад дӕр амард. Едомы бӕстӕйы цардысты Тимнайы мыггаг, Алвайы мыггаг, Йететы мыггаг, Едомы мыггӕгтӕ 52 Охоливамайы мыггаг, Елайы мыггаг, Пиноны мыггаг, 53 Кеназы мыггаг, Теманы мыггаг, Мивцары мыггаг, 54 Магдиелы мыггаг, Ирамы мыггаг. Адон сты Едомы мыггӕгтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia