Biblia Todo Logo
Online Bible

- Advertisements -




Даниил 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2-3 Навуходоносор фӕсидти йӕ паддзахады барджынтӕм, уллутӕм, уынаффӕйы лӕгтӕм, хӕзнадартӕм, тӕрхоны лӕгтӕм, чапартӕм ӕмӕ ӕппӕт зылдты хицӕуттӕм, цӕмӕй гуымирыйӕн бакувынмӕ ӕрбацӕуой. Се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ, Навуходоносор кӕй сӕвӕрын кодта, уыцы гуымирыйы раз ӕрлӕууыдысты.

See the chapter Copy




Даниил 3:2
10 Cross References  

Ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон снысан кодта бӕрӕгбон, иудейаг бӕрӕгбон фӕзмгӕйӕ, ӕмӕ Даны нывондхӕссӕныл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕ бакодта Вефилы дӕр, цы уӕнгуытӕ скӕнын кодта, уыдонӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. Вефилы цы кувӕн къуыбыртӕ скодта, уыдонӕн сӕвӕрдта, йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уыцы сауджынты.


Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ.


Ӕрбамбырд сты паддзахы барджынтӕ, йӕ уллутӕ ӕмӕ уынаффӕйы лӕгтӕ. Кӕсынц, ӕмӕ ӕртӕ дзуттаджы сӕрӕгасӕй лӕууынц, сӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ сӕ дарӕс — ӕнӕхъӕн, сыгъды смаг дӕр нӕ кӕнынц.


Уыдон адӕмы сӕ хуыцӕутты нывӕндтӕм хуыдтой, ӕмӕ дзы хордтой адӕм ӕмӕ сын куывтой сӕ хуыцӕуттӕн.


Зӕххон паддзӕхтӕ йемӕ хъахбай митӕ фӕкодтой, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй».


Филистимӕгты хицӕуттӕ ӕрӕмбырд сты сӕ хуыцау Дагонӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ сӕхи бахъӕлдзӕг кӕнынмӕ. Уыдон дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын Самсоны, не знаджы, нӕ къухмӕ радта»


Follow us:

Advertisements


Advertisements