12 удӕгасӕй сӕ аныхъуырӕм мӕрдтыбӕстау, ӕд хъуын, ӕд хъис сӕ фӕдӕле кӕнӕм, ингӕнмӕ чи ныххауы, уыдонау;
Ӕнӕхуыцӕуттӕ нӕ бацахсдзысты рӕстгӕнджыты бӕстӕ, цӕмӕй рӕстудтӕн дӕр сӕ къух ма фӕтаса фыдмимӕ.
Давиды псалом. Скад кӕнут Дунедарӕгӕн, Хуыцауы фырттӕ, Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс сыстаут!
Сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард, сӕ былтыл — калмы марг.
О сахар! Де знӕгтӕн хынджылӕггаг куы фестадтӕ! Ӕхситт кӕнынц, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс куы цӕуы, дзурынц: «Кӕдӕй-уӕдӕй йын федтам йе сӕфт! О, ’рцыди уыцы бон!»
Дунедарӕг йе знаг фестади, фесӕфта Израилы! Ныддӕрӕн кодта галуантӕ ’мӕ фидӕрттӕ; байдзаг кодта Иудейы зӕхх хъарӕгӕй, кӕуынӕй.
Вавилоны паддзах Навуходоносор мӕ хордта ӕмӕ ӕхсыдта, афтид мигӕнӕн мӕ сарӕзта! Ныхъуырдта мӕ кӕфхъуындарау, бафсӕсти мӕ, йӕ гуыбын байдзаг кодта мӕнӕй, уый фӕстӕ мӕ фӕстӕмӕ скалдта.
Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн хуыдымӕй, байс мӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй!
Уӕ мидзӕрдӕйы фыдвӕндтӕ нывӕндут, зӕххыл уӕ къухтӕ аразынц тыхми.
О Дунедарӕг, Дӕ рӕстады фӕндагыл мӕ араз! Ме знӕгты фыдӕнӕн мын слӕгъз кӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг!
Ӕмӕ уӕд зӕхх фӕйнӕрдӕм фӕцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта. Корахимӕ йӕ хъузӕттӕ дӕр бабын сты. Дыууӕсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы басыгъдысты арты — цыдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕвдисӕг рагфӕдзӕхст.
алыхуызон зынаргъ дзауматӕ байсдзыстӕм, нӕ хӕдзӕрттӕ ӕфтиагӕй байдзаг кӕндзыстӕм.