Biblia Todo Logo
Online Bible

- Advertisements -




Ӕмбисӕндтӕ 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Мӕ лӕппу! Тӕригъӕдджынтӕ дӕ сӕ фӕдыл куы сайой, уӕд-иу сын ды ма баком.

See the chapter Copy




Ӕмбисӕндтӕ 1:10
14 Cross References  

Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.


Фыдлӕг йӕ хионы фӕрӕдийын кӕны, галиу фӕндагмӕ йӕ асайы.


Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.


Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.


Ахӕмтӕ нӕ Бардарӕг Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ сӕ чъизи монцтӕн кусынц, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.


ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн.


Уымӕн ӕмӕ Ды нывонд нӕ агурыс мӕнӕй, иууылсудзинӕгтӕ Дын ӕхцон не сты.


Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны — дзӕгъӕлдзыхӕй дӕхи хиз.


Цӕй ӕмӕ йӕ амарӕм ӕмӕ йӕ донуӕттӕй иуы ныппарӕм. Стӕй зӕгъдзыстӕм, тугдзых сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Гъеуӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕ цӕмӕ рацыдысты, уый».


уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдыты фыдвӕндтӕ йеддӕмӕ ницы ис, фыдбылызты кой фӕкӕнынц.


Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.


Follow us:

Advertisements


Advertisements