Естер 3:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст13 Фӕдисӕттӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм тӕргӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтой паддзахы уынаффӕ — дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон дзуттӕгты иууылдӕр ӕмбойны — зӕрондӕй, ӕрыгонӕй, ӕд сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ныццӕгъдут, ныммарут, мыггагыскъуыд фӕкӕнут, сӕ исбон та сын хӕлӕттаг фӕкӕнут, зӕгъгӕ. Viz kapitola |